Выпуск новостей о вечере памяти Ватаева и Бекузаровой

Поділитися
Вставка
  • Опубліковано 20 вер 2024
  • Бацæттæ йæ кодта республикæйы культурæйы министрад. Номдзыд артистты æмкусджытæ, хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ сын æрымысыдысты сæ царды цымыдисаг цаутæ.
    Паддзах Эдип, Шекспиры Лир æмæ Отелло, Хазби æмæ Чермен, Аслæнбег «Сæрмæт æмæ йæ фыртты». Уататы Бимболат сценæйы сарæзта бирæ алывæрсыг сурæттæ. Иу хатт сæ чи федта, уымæн сæ ферох кæнæн нæй. Хицæн ныхасы аккаг сты, Бибо Астæуккаг Азийы киностудиты цы сурæттæ сарæзта, уыдон. Рæсугъд æмæ зæрдæхæлар адæймаг, æгæрон курдиатæй æххæст актер. Афтæ зæгъы Уататы Бимболаты тыххæй Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Икъаты Бертæ.
    Икъаты Бертæ, РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ: «Алы ран дæр æй истой, æмæ дзы кæддæриддæр уыдысты стыр бузныг. Кæм-иу æй систой, уырдæм-иу куы бафтыдис, уæд-иу афтæ дзырдтой, зæгъгæ, Хасан-Арбакреш пришел. Алырдыгæй-иу ыл æрæмбырд сты, афтæ йæ уарзтой адæм».
    Ирыстоны театралон аивады номдзыд артистты Уататы Бимболаты æмæ Беккуызарты Уарзетæйы рухс нæмттæ æрхъуыды кæнынмæ æрæмбырд сты се `мкусджытæ, хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ. Ирон театры аивадон разамонæг Гуыбиаты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй йын сценæмæ рацæуын бантыст 2 артистимæ дæр. Беккуызарты Уарзетæимæ хъазыд спектакль «Мады фарны». Уым сарæзта йæ фырт Чермены сурæт.
    Гуыбиаты Хъазыбег, Тæбæхсæуты Балойы номыл академион театры аивадон разамонæг: «Æмæ-иу сценæмæ куы рацыдыстæм, уæд-иу мæ куы æрбалвæста йæхимæ, уæд-иу мæ хъуынтæ арц слæууыдысты».
    Уататы Бибо æмæ Беккуызарты Уарзетæ ирон театралон аивады цы арф фæд ныууагътой, уый абон дæр сæхицæн дæнцæгæн исынц æрыгон артисттæ.
    Сыкъаты Марат, Тæбæхсæуты Балойы номыл академион театры актер: «Бимболаты федтон хæрз гыццылæй сценæйы. Уыдис мæм тынг стыр бæллицц, цæмæй йемæ иу сценæйы спектаклы бакусæм, фæлæ, хъыгагæн, уыцы бæллицц нæ сæххæст. Беккуызарты Уарзетæимæ та сæмбæлдтæн спектакль «Дон Кихот» куы æвæрдтам, уæд. Æрбацыд нæм. Скодта мын цыдæр уайдзæфтæ, фæлæ уыдон уыдысты æвзæр хуызы нæ, фæлæ хорзырдæм, цæмæй раст фæндагыл слæууон, æмæ йын стыр бузныг».
    Уататы Бимболат æмæ Беккуызарты Уарзетæ сæ цард-цæрæнбонты лæггад кодтой сценæйæн. Ирыстоны аивадуарзджыты зæрдæты сæ фæлгонцтæ баззайдзысты æнустæм.
    Хъайтмазты Дзерассæ, 4 июля

КОМЕНТАРІ •