Adam Mickiewicz. Niepewność (po osetyjsku)

Поділитися
Вставка
  • Опубліковано 27 вер 2024
  • Адам Мицкевич
    ÆБÆЛВЫРДДЗИНАД
    Куы нæ дæ уынын, уæд цæссыг нæ калын,
    Куы дæ суынын, уæд та мæ зонд нæ сафын,
    Дзæвгар-иу дæ куы нæ фенын мæ цæстæй,
    Цыдæр хъуаг уæд вæййын, тыхсын æрмæстдæр;
    Æмæ мæхимæ раттын фарст, æрхæндæг:
    Уый у хæларад æви уарзт йæхæдæг?
    Куы вæййыс дард, куы нæ цæуыс æмгæрон, -
    Уæд-иу мæ зæрдыл нал лæууы дæ цæсгом.
    Фæлæ уæддæр фæфиппайын æвæндон,
    Мæ хъуыдытæм хæстæг кæй и дæ фæлгонц.
    Æмæ мын ногæй арф хъуыдыйаг фарст у:
    Уый у хæларад æви ‘цæгдæр уарзт у?
    Тыхстæн-иу хатт, фæлæ æнхъæл нæ уыдтæн,
    Æмæ дæ размæ ʻрхæсдзынæн мæ хъыгтæ;
    Уыди мæ цыд æнæ фæндаг, æнæ сæр,
    Нæ бамбæрстон, куыд дын суыдтон дæ къæсæр;
    Æмæ та арф ныхъхъуыды кодтон фарстыл:
    Хæларад кодта мæн дæумæ ʻви уарзт уыд?
    Цæмæй æнæниз уай - мæ цард дæр раттин,
    Кæд бахъæуа - зындонмæ ссарин асин;
    Мæ зæрдæйы къæйных фæндон нæ дарын,
    Дæ сæрвæлтау мæхи нывондæн хъарын;
    Æмæ мын ногæй арф хъуыдыйаг фарст у:
    Цы у, хæларад у, ‘ви ‘цæгдæр уарзт у?
    Куы-иу æрæвæрыс дæ къух мæ армыл, -
    Уæд-иу цыдæр æхцон æнцойад хатын,
    Фæлæ мын уыцы фын мæ цард фæдавы,
    Æвзонг зæрдæ та фыны кæлæн сафы,
    Æмæ хъæрæй дзуапп домы фарстæн:
    Хæларад у æрмæст, æви ма уарзт дæр?
    Мæ сисы бынæй ацы зарæг гуырди,
    Уæлдæр мон мын æххуысгæнæг нæ уыди;
    Нæ йæ æмбарын, дис кæсы мæхимæ,
    Кæм ыссардтон дзырдтæ, хъуыдытæ, рифмæ.
    Фæстагмæ та ныгъуылын ногæй фарсты:
    Хæларад мæ цырын кодта, ʻви уарзт уыд?
    1825

КОМЕНТАРІ • 2

  • @laran3263
    @laran3263 Рік тому +1

    Подписка и 👍 гордость за тебя ❤🙏💥 отдельная благодарность за прекрасное чтение. Чудесные слова и чудесный голос

  • @fatmaalpay8457
    @fatmaalpay8457 Рік тому +1

    💐