«Ритмы гор» ансамбль рамбылдта Гран-при æппæтадæмон фестивалы

Поділитися
Вставка
  • Опубліковано 16 вер 2024
  • «Ритмы гор» ансамбль рамбылдта Грецийы цы æппæтадæмон фестиваль ацыд, уый гран-при. Фæуæлахиз сты «Инструменттыл цæгъдыны дæсныйады». Адæмы рæгъмæ рахастой сæ курдиат, доулыл цæгъдынмæ куыд арæхстджын сты, уый равдыстой. Авивадуарзджытæ дæр сын аккаг аргъ скодтой. Фестивалы архайдтой 24 хореографион, театралон æмæ инструменталон къордтæ: Уæрæсейæ, Грецийæ, Финляндийæ æмæ Казахстанæй. Нæ уацхæссæг Плиты Хетæг фембæлд уæлахиздаутимæ æмæ йæ базыдта, ансамблы архаджытæм ма цы фæндæ ис, уый тыххæй. Бæлвырддæр йæхæдæг радзурзæн.
    Махъоты Ислам доулыл ахуыр кæны 6 азы. Инструментыл цæгъдын арæхсы æнцонæй. Йæ бон у алыхуызон цымыдисаг ритм дæр ацæгъдын. Раст цыма футболист пуртиимæ хъазы, афтæ Ислам дæр алæмæты хъазт кæны доулыл. Йæ къахы бынты дæр æй айсы, йæ къухы æнгуылдзтыл дæр æй ныззилы.
    Йæ дæсныйад бæрзонддæр кæнгæйæ, Ислам архайдта алыхуызон ерысты. Хæрз æрæджы та уыд бердзенаг сакъадах Родосы. Уым цыд аивæдты æппæтадæмон фестиваль «Сокровища Эллады», зæгъгæ. Йæ зæрдæмæ йæ тынг айстайæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй дæсны архайджытимæ æмгуыст кæнынц æмæ сæ фæлтæрддзинад бæрзонддæр кæны.
    Фестивалы Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой гран-при. Ансамблы разамонæг Карсанаты Мæхæмæт куыд зæгъы, афтæмæй æндæр бæстæтæй минæвæрттæ дæр сæхи æнтыстджынæй равдыстой. Йæ хъомылгæнинæгтæн пайда у, доулыл дæсны цæгъдджыты арæхстдзинадмæ лæмбынæг æркæсын. Ахæм фадат сын фæзынд республикæйы хицауады æххуысæй.
    Цалынмæ ансамблы хистæр къорд уæлахиз хæссы, уæдмæ дæнцæгæн кæмæн сты - кæстæр къордæн - уыдон дæр сæхи фæлварынц. Сæ иу, Тухаты Илонæ. Чызг уæвгæйæ, интрументмæ арæхстджынæй æвналы.
    14 азы йеддæмæ йыл нæ цæуы. Уыдонæй 6 азы цæгъды доулыл. Ныридæгæн архайдта, Китайы цы ерыстæ сарæзтой, уым. Куы йæ бафæрсай цæмæ равзæрстай цæгъдынмæ ацы инструмент, уæд фидарæй дзуапп дæтты.
    Афтæ разæнгардæй ансамблы архайджытæ сæхи дарддæр цæттæ кæнынц иннæ ерысты бацархайынмæ. Æппæтадæмон фестиваль 26 ноябры ацуæдзæн Санкт-Петербурджы. Уым дæр кæй фæуæлахиз уыдзысты, уымæй ныфс дарынц.
    _
    Мы рядом в:
    irystontv
    irystontv
    / irystontv
    irystontv
    ok.ru/irystontv

КОМЕНТАРІ •