Галуаты хӕстон ӕфсымӕртӕ Харитон, Алыкка ӕмӕ Никъала

Поділитися
Вставка
  • Опубліковано 28 лис 2024
  • Хистӕр лӕппу Харитон уыд хъӕуы фӕсивӕдӕн сӕ активонтӕй дӕр иу, фӕсивӕды ӕхсӕн ӕвзӕрст ӕрцыд фӕскомцӕдисонты разамонӕгӕй.
    Цыбыр рӕстӕгмӕ Фарныхъӕуы колхоз бацахста республикӕйы колхозты ӕхсӕн фыццаг бынат. 1934 азы Мӕскуыйӕ Ирыстонмӕ куы ссыд Михаил Иваны-фырт Калинин, уӕд республикӕйы разамынд ӕнӕдызӕрдыгӕй равзӕрста кадджын уазӕджы балцӕн Фарныхъӕуы колхоз.
    Калининӕн хъӕуы фӕсивӕд сарӕзтой къӕрцхъазт. Уым фӕндырӕй цагъта цалдӕр мӕйы размӕ Галуаты хӕдзармӕ чи ӕркуывта, уыцы ӕрыгон чындз Мамсыраты Саня. Харитон та куыста уӕд Сталины номыл колхозы бригадирӕй. Харитон ӕмӕ Саняйӕн рацыд цот дыууӕ лӕппуйы Руслан ӕмӕ Сталбег ӕмӕ иу чызг Варя.
    Дыккаг лӕппу Алыксандыры (Алыкка йӕ хуыдтой иууылдӕр хиуӕттӕ ) мад Лежа хъулон уарзтӕй уарзта. Уыд тынг фыдуаг гыццылӕй, фӕлӕ зӕрдӕргъӕвд ӕмӕ сӕрӕн. Уымӕ гӕсгӕ Лежа йӕ зӕрдӕ дардта, кӕй бахъахъхъӕндзӕн йӕхи Алыкка. Скъолайы фӕстӕ Алыксандр бацыд Тбилисы артиллерион училищемӕ ӕмӕ йӕ ӕнтыстджынӕй каст фӕци. Хӕст нӕма райдыдта, афтӕ сын сӕ дивизи арвыстой ахуырмӕ Киевы ӕфсӕддон округмӕ(зылдмӕ). Хӕст сӕ ӕрыййӕфта уым. Фӕстаг писмо ма дзы райстой бинонтӕ Киевӕй, фыссы уӕм уӕ лейтенант фырт, иу мӕйы фӕстӕ нын отпуск уыдзӕн ӕмӕ уӕм зындзынӕн, зӕгъгӕ.
    Галуаты Исламы кӕстӕр фырт Никъала бацыд Фарныхъӕуы астӕуккаг скъолайы фӕстӕ ӕфсӕддон училищемӕ. Знаг Кавказмӕ бырсын куы райдыдта, уӕд Дзӕуджыхъӕуы ӕфсӕддон училищейы курсанттӕ дӕр ӕрвыст ӕрцыдысты фронтмӕ. Никъала хӕцыд Сталинграды бын.1942 азы уӕззау цӕф фӕци , госпиталы дохтыртӕ рахастой уынаффӕ, Галуаты хӕстонӕн йӕ сӕр уӕззау цӕф кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ ӕфсадӕй ӕрвыст ӕрцыд хӕдзармӕ. Хӕсты фӕстӕ бирӕ азты куыста скъолайы директорӕй, уый фӕстӕ ахуыргӕнӕгӕй.
    Галуаты цӕрынхъуаг ӕфсымӕртӕ сӕ сӕрӕндзинадӕй ӕмӕ сӕ уды кондӕй рӕсугъд фӕд ныууагътой ацы зӕххыл . Ирыстоны сӕ ном ӕнустӕм цӕрдзӕн.

КОМЕНТАРІ • 1